Гречъы хæдбардзинадыл хæст
Гречъы хæдбардзинадыл хæст (æндæр ном — Гречъы революци; гр. Ελληνική Επανάσταση του 1821) у грекъаг адæмы хотыхджын тох Османты империйæ хæдбардзинадыл. Райдыдта 1821-æм азы æмæ æнтыстджынæй фæци 1832-æм азы Константинополы фидыды бадзырдæй — уыцы документмæ гæсгæ Османты импери сразы ис Гречъы къаролад саразыныл. Уыцы цаутæй райдыдта нырыккон Гречъы истори.
1827-æм азæй хæсты бацархайдтой Европæйы «стырдæр паддзахæдтæ» — Стыр Британи, Франц æмæ Уæрæсе. Уæрæсейы империйы хæстонтæй уыцы хæсты фæмардысты дæс мины бæрц.
Официалон паддзахадон æххуысы йеддæмæ, уыцы æмæ æндæр европæйаг бæстæты хицæн цæрджытæ æрвыстой Грекъмæ æхца, хæцæнгæрзтæ, суанг ма сæхæдæг барвæндонæй тох кодтой грекъæгты фарс. Зындгонддæр дæнцæгтæй иу у англисаг поэт Джордж Гордон Байрон. Уый тох кодта растджыты фарс æмæ цæфтæй амардис 1824-æм азы.
Хæдбардзинад райсыны фæстæ Грекъ сси монархи, йæ сæргъы æрлæууыдис 17-аздзыд бавариаг уæздан Отто.
Растады райдайæн бон — 25 апрелы — Грекъ бæрæг кæнынц куыд Хæдбардзинады бон.